Рахизфарсы районы аивадон скъолайы арӕзтад фӕуынвӕнд кӕнынц афӕдзы кӕронмӕ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

4 просмотра

18 часов назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

Рахизфарсы районы аивадон скъолайы арӕзтад фӕуынвӕнд кӕнынц афӕдзы кӕронмӕ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

4 просмотра

18 часов назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

4 просмотра

18 часов назад

Рахизфарсы районы Сывӕллӕтты аивадон скъола аразынц æнæрлæугæйæ. Ам кусынц алы бон дӕр, цӕмӕй январы сабитæн байгом кӕной дуӕрттӕ. Ног ӕртӕуӕладзыгон бæстыхай суазӕг кӕндзӕн 300 ӕвзонг нывгӕнӕджы, уыдон ардӕм ӕрбалидздзысты зӕронд корпусӕй. Ног скъола сывӕллӕттӕн байгом кӕндзӕн ног фадӕттӕ. Хуымӕтӕг нывкӕнынадӕй уӕлдай ма ахуыр кӕндзысты дизайн ӕмӕ адӕмон ӕрмдӕсныйад. Ам фӕзындзӕн керамикӕимӕ кусӕн ӕрмадзтӕ ӕмӕ равдыстыты зал. Нырыккон ифтонггарз та æххуыс уыдзæн ахуырдзаутӕн сӕхи проекттӕ аразынӕн. Скъолайы алыварс дӕр саив кӕндзысты. Фæлладуадзæн бынат арӕзт ӕрцӕудзӕн аивадон палитрӕйы хуызы. Ныссадздзысты дзы алыхуызон къутӕртӕ æмæ дидинджытæ. Арӕзтад фӕуынмӕ хъавынц 2026 азы кӕронмӕ. Ахуыргӕнинӕгты ӕмбырд кӕныны фыццаг къӕпхӕн кӕронмӕ ахӕццӕ, фӕлӕ тагъд байгом уыдзӕн уӕлӕмхасӕн райст. Ацы нырыккон скъола суыдзӕн ӕнӕхъӕн районы сӕйраг сфӕлдыстадон центр.

, чтобы оставлять комментарии