Ӕхсӕнадон палатӕйы уыд паддзахадон думӕйы депутатты ӕвзӕрстыты фӕдыл ӕмбырд
Ӕхсӕнадон палатӕйы уыд паддзахадон думӕйы депутатты ӕвзӕрстыты фӕдыл ӕмбырд
Цӕгат Ирыстоны Ӕхсӕнадон палатӕйы ӕрдзырдтой Паддзахадон Думӕмӕ ӕвзӕрстытӕм цӕттӕ кӕныныл. Ацӕудзысты æстдæсæм сентябрӕй дыууынæм сентябрмӕ. Партитӕ ныридæгæн райдыдтой агитаци кӕнын. Республикӕйы байгом кӕндзысты æртæ сæдæ фараст ӕвзарӕн хайады. Ӕхсӕнадон палатӕ ӕмӕ ӕнӕкоммерцион организацитӕ бафыстой бадзырд ӕмгуыстады тыххӕй. Уымæй уæлдай, мин цӕстдарӕджы онг дзуапп дæтдзысты ӕвзӕрстыты рӕстдзинадæн. Экспертты хъуыдымӕ гӕсгӕ, уый фӕфылдӕр кӕндзӕн цæрджыты ӕууӕнк хъӕлӕс кӕныны хатдзӕгтӕм.